20 мартъийы фæсивæдон театр-студи «Амыран»-ы хъæппæрисæй арæзт æрцыд фестиваль «Амыраны рухс» æрыгон театралон къордтæн.Фестивалы архайджытæ равдыстой сæ уарзондзинад ирон æвзагмæ.
     Уыдис дзы цалдæр номинацийы. Архайдтой дзы нæ республикæйы  скъолаты ахуырдзаутæ. Уыдоны хсæн уыдысты 39-æм скъолайы литературон къорд  «Ирон фарн»-ы архайджытæ дæр: Гасситы Валерия æмæ Абайты Илонæ. Сæ арæхстдзинад равдыстой Чеджемты Георы сатирикон уацмыс  «Ладимхан»-ы фæлгонцы.       
        Илонæ æмæ Валерия тынг арæхстджынæй рахастой театрдзауты размæ мадæлон æвзагыл чи нал æрвæссы, ахæм чызджы фæлгонц. Уырны нæ, ахæм фестивальтæ стыр ахъаз кæй уыдзысты мадæлон æвзаджы ахадындзынад фæбæрзонддæр кæнынæн.